Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Пилат та сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ уӕд, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Ӕмӕ иууылдӕр схор-хор кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:22
16 Iomraidhean Croise  

Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм, тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ куы бафсадид, зӕгъгӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.


Йаковӕй райгуырди Мариайы мой Йосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.


ӕмӕ, адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Пилат бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?»


Бӕстыхицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».


Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»


Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ ӕгас синедрион агуырдтой ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй Йын марыны тӕрхон рахӕссой, фӕлӕ сӕ къухы ницы ӕфтыд.


Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн».


Мӕлӕты аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын.


Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахмӕ фӕхӕццӕ ис тӕригъӕдтӕ ныббарыны уац.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan