Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 ӕмӕ, адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Пилат бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:17
9 Iomraidhean Croise  

Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта.


Йаковӕй райгуырди Мариайы мой Йосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.


Уыцы рӕстӕг сӕм уыди, Вараввӕ, зӕгъгӕ, зындгонд ахӕст,


Уымӕн ӕмӕ зыдта, Йесойы йын йӕ къухмӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.


Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Хистӕр сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».


Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн».


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan