13 Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ адӕм ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?»
Уӕд алчер йӕ бынатӕй сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы дзурынц, уымӕн ницы дзуапп дӕттыс?»
Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.
Фӕлӕ йын Йесо йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстыхицау стыр дисы бафтыди.
Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудейаг дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Уагӕры цы ракодтай?»
Уӕд ӕфсӕддон хицау бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ бакӕной ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмой: уый фӕндыд базонын, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый.