9 Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди стыр аргъыл ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн».
уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».
Йесо бамбӕрста, цӕуыл дзурынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн къӕмдзӕстыг кӕнут сылгоймаджы? Уый Мӕнӕн хорз хъуыддаг сарӕзта.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уый бӕрц хардз кӕнын?
Ӕртӕсӕдӕ динарӕй фылдӕрыл ӕй ауӕйгӕнӕн куы уыди, уыцы ӕхца та — мӕгуыртыл байуарӕн». Ӕмӕ бустӕ кодтой сылгоймагыл.
ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Балаамы фӕндагыл — уый бабӕллыд тӕригъӕд хъуыддаджы фӕрцы пайда скӕнынмӕ.
Цӕгъдинаг фыстӕ ӕмӕ стуртӕн та адӕм сӕ хуыздӕртӕ уый тыххӕй райстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ӕрхӕссой Гилгалы».
Фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм фӕтӕригъӕд кодтой Агагӕн, нӕ сӕ бафӕндыд фыстӕ ӕмӕ стурты хуыздӕрты, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ уӕрыччыты ныццӕгъдын. Цӕвиттон, зынаргъдӕрӕй цы уыд, ууыл бацауӕрстой, ӕвзӕрдӕр ӕмӕ ницӕйагдӕрӕй цы разынд, уыдон та ныффалгӕрон кодтой.