Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 26:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уырдӕм Ӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ ӕмӕ, Йесо фынгыл бадти, афтӕмӕй Йын хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йӕ сӕрыл уадзын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 26:7
12 Iomraidhean Croise  

Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!


Мард бындзытӕй хӕрздӕфгӕнӕн дӕр сысмаг вӕййы; кадджын ӕмӕ куырыхон лӕг иу чысыл куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ куырыхон зонд дӕр ӕмӕ йӕ кад дӕр ӕнӕпайда фӕвӕййынц.


Райдзаст дарӕсты цу, дӕ сӕрмӕ-иу сойӕ базил.


О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!


Мӕнгхуыцау Молохӕн снывонд кодтай сӕрдӕн сой, сарӕзтай йын бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Мӕрдтыбӕсты онг абалц кӕнын кодтай дӕ минӕвӕртты.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уый бӕрц хардз кӕнын?


Йесо уыди Вифанийы, хъотырӕй рынчын Симоны хӕдзары. Фынджы уӕлхъус куы бадти, уӕд Ӕм бацыди иу сылгоймаг дурынимӕ, йӕ мидӕг та уыди, нард, зӕгъгӕ, цы зайӕгой хонынц, уымӕй конд сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕн. Сылгоймаг дурыны хъуыр асаста ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн Йесойы сӕрыл уадзын райдыдта.


Ды Мын Мӕ сӕр оливӕйы сойӕ нӕ байсӕрстай, уый та Мын Мӕ къӕхтӕ байсӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan