56 Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.
Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.
«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.
Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?
Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».
Уӕд сын Йесо загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзӕни фысты дзуг“.
Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд куыд сӕххӕст уыдзӕн, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый?»
Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.
(ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн.
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.
Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!