Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 26:55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

55 Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 26:55
15 Iomraidhean Croise  

Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.


Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.


Йесо дарддӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сӕ фарста: «Динамонджытӕ Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, куыд дзурынц?


Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой,


Иу бон та Йесо адӕмы Кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ сын Фарны Уац куы хъусын кодта, уӕд Ӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ бацыдысты адӕмы хистӕртимӕ


Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ ӕрбадти. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдон Дзы сӕ цӕстытӕ нал истой.


Бӕрӕгбон йе ’мбисыл куы уыди, уӕд Йесо бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.


Уӕд Йесо, Кувӕндоны амонгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Зонут Мӕ уӕдӕ, нӕ? Ӕмӕ суанг, кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут? Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн — ӕууӕндӕн Кӕуыл ис, Уый Мӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ сымах нӕ зонут.


Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта.


Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan