51 Йесоимӕ чи уыди, уыдонӕй иу фелвӕста йӕ кард, алчеры цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.
Петр Ын загъта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.
Йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕр кард фелвӕста, алчеры цагъары дзы ныццавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.
Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут.
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй Ӕз иудейӕгты къухмӕ ма бахауон. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу».
Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.