Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 26:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 26:49
15 Iomraidhean Croise  

Стӕй Исаак Йаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт».


Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.


Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ уайдзӕф дӕр — зӕрдиаг; ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уымӕн та йӕ батӕ дӕр — гӕды митӕ.


уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм арфӕтӕ кӕной ӕмӕ сӕм дзурой: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!“


Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын иу Ахуыргӕнӕг ис — Чырысти, уӕхӕдӕг та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.


Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».


Йесойы уӕйгӕнӕг сын радта ахӕм нысан: «Кӕмӕн аба кӕнон, Уый у, ӕмӕ Йӕ ӕрцахсут».


ӕмӕ дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


Ды Мын нӕ аба кодтай, уый та Мын Ме ’рбацыдӕй нырмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не ’нцайы.


Хӕстӕг-иу Ӕм бацыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.


Уыцы рӕстӕг Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, исты скомдзаг кӕн».


Ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan