46 Сыстут ӕмӕ ацӕуӕм. Мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис».
Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрхӕстӕг ис, Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ кӕд ратдзысты, уыцы рӕстӕг.
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.
Сыстут ӕмӕ цӕуӕм! Уӕртӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис».
Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!
Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын.
Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.
Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.
фӕлӕ, Ӕз Фыды кӕй уарзын ӕмӕ Мын Фыд куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕй кӕнын, уый дуне хъуамӕ базона. Ныр сыстут, ӕмӕ ардыгӕй ацӕуӕм.
Петр фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ Йесойы уарзон ахуыргӕнинаджы федта сӕ фӕдыл цӕугӕ. Уый уыди уыцы ахуыргӕнинаг, ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесомӕ йӕхи чи бакъул кодта ӕмӕ Йӕ афтӕ чи бафарста: «Хицау, гадзрахатӕй Дыл чи рацӕудзӕн?»
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».
Филистимаг куыддӕр Давиды ’рдӕм рацӕйцыдис, афтӕ Давид хӕстӕргомӕй йӕ размӕ базгъордта,