44 Ӕмӕ та сӕ уым ныууагъта, ацыд ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ скуывта.
Куы сӕм ӕрбацыд, уӕд та сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ хуыссӕгӕй ӕруӕззау сты.
Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрхӕстӕг ис, Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ кӕд ратдзысты, уыцы рӕстӕг.
Кувгӕйӕ та уӕлдай ныхӕстӕ ма дзурут муртаттӕгтау — уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ, фылдӕр куы дзурой, уӕд сӕ куывд хуыздӕр фехъуысдзӕн Хуыцаумӕ.
Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:
Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Бардарӕгӕн,