Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 26:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Йемӕ акодта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты. Йӕхимидӕг райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 26:37
8 Iomraidhean Croise  

Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты.


Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй.


Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.


Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти.


Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.


Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.


Ныр Мӕ уд стыр катайы бацыд, фӕлӕ Ӕз афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй“, кӕд ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй ӕрцыдтӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan