33 Петр афтӕ бакодта: «Се ’ппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕд дӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн».
Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ, ныккалдысты мыл фыдӕхы гуылфӕнтӕ,
Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ».
Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».
Уӕд Ын Петр загъта: «Иууылдӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн».
Петр Ын загъта: «Хицау, ӕз Демӕ ахӕстонмӕ цӕуынмӕ дӕр ӕмӕ мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ дӕн».
Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петры фӕрсы: «Иоанны фырт Симон, адон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.