Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 26:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргонд цӕуы Ног Фидыд, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд ныккӕлдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 26:28
26 Iomraidhean Croise  

Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.


уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз туг снысан кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй-иу йӕ фӕрцы ссыгъдӕг уат уӕ тӕригъӕдтӕй. Цард туджы ис, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ барст йӕ фӕрцы цӕуынц.


Дӕуӕн та дӕ уацайрӕгты ӕнӕдон уӕрмӕй фервӕзын кӕндзынӕн, нӕ фидыд кӕй фӕрцы сфидар ис, уыцы туджы сӕраппонд.


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут,


Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».


Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.


Ӕдзӕрӕг быдыры фӕзынд Иоанн. Уый аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, адӕм куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ уый нысанӕн донаргъуыд куы райсой, уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты.


Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.


Уый фӕстӕ райста дзул, раарфӕ кодта Хуыцауӕн, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ-иу кӕнут Мӕ ном арыны охыл».


Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.


Фӕлӕ Адамы фыдракӕнд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх иу не сты. Кӕд ӕмӕ иу адӕймаджы фыдракӕнд бирӕты бабын кодта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та Хуыцауы хорзӕх аххӕссыди уымӕй ноджы бирӕ фылдӕр адӕмыл.


Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕс бирӕтӕй тӕригъӕдджын куыд скодта, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсдзинад бирӕты скӕндзӕни рӕстгӕнджытӕ.


Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Мӕ Тугӕй фидаргонд ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат — Мӕ ӕрымысынӕн нуазут».


Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,


Фырт не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ.


ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты.


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan