2 «Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.
Симон Кананит ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм,
ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».
Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын.
Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.
Куадзӕнмӕ ма ӕхсӕз боны уыди, афтӕ Йесо ӕрбацыди Вифанимӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры хӕдзармӕ.
Ацы бынат зыдта Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр — Йесо ӕмӕ-иу Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым арӕх ӕрӕмбырд сты.
Уыцы ныхас рауади, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йесо фӕсномыгӕй Йӕ мӕлӕты тыххӕй рагацау цы загъта, уый.
Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.