Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 26:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут сахармӕ, иу лӕгмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг ӕрӕввахс ис, ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 26:18
18 Iomraidhean Croise  

Исчи уӕм исты куы дзура, уӕд-иу дзуапп раттут, уыдон Бардарӕджы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ уын сӕ уайсахат ратдзысты».


Зондамонджытӕ дӕр уӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Зондамонӕг — Чырысти.


Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын иу Ахуыргӕнӕг ис — Чырысти, уӕхӕдӕг та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.


Ахуыргӕнинӕгтӕ бакодтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ ӕмӕ Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрдтой.


«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».


Комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрбацыдысты йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?»


Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Марфӕ ацыди ӕмӕ аивӕй бамбарын кодта йӕ хо Мариайӕн: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры».


Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ кад раргом кӕныны афон.


Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ скадджын кӕна Дӕ Фырт дӕр.


Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм разылди ӕмӕ Йӕм дзуттагау сдзырдта: «Раввуни!» (ома Ахуыргӕнӕг).


Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.


Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы.


Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan