14 Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм
Симон Кананит ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.
Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.
Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд йӕхиуыл ӕрхудти, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм бахаста
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, фӕстӕдӕр Ыл гадзрахатӕй чи рацыди, уый, Иудӕ Искариот, загъта:
Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Къӕбӕр цӕхдоны атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.
Иудӕ къӕбӕр куы райста, уӕд уайтагъд дуары ӕдде фӕци. Уыдис ӕхсӕв.
Ацы бынат зыдта Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр — Йесо ӕмӕ-иу Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым арӕх ӕрӕмбырд сты.
(ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн.
Йӕ фыдракӕндӕн цы ӕхца райста, уымӕй зӕхх балхӕдта, фӕлӕ сӕрбынмӕ ӕрхауди, ӕмӕ йӕ гуыбын атыдта, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ракалдысты ӕддӕмӕ.