12 Ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мын Мӕ буарыл кӕй ауагъта, уымӕй Мӕ ӕрцӕттӕ кодта ныгӕнынмӕ.
Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.
Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Сылгоймаг, йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын Мӕ буар хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.
Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Йаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ Йесойы байсӕрдой.
Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.
Йесо загъта: «Ныууадз ӕй. Мариа Мын ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мӕ ныгӕнӕн бонмӕ бавӕрдта.