9 Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй нӕ дыууӕтӕ дӕр сойхъуагӕй ма баззайӕм, уый тыххӕй фӕлтау уӕйгӕнджытӕм ауайут ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн“.
Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!
уӕд, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уыдоны ’хсӕн Ной, Даниил ӕмӕ Иов нӕдӕр сӕ фыртты фервӕзын кодтаиккой, нӕдӕр сӕ чызджыты. Сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕ удтӕ.
Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.
Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та — ӕнӕзӕндтӕ.
Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“.
Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.
Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.