7 Чызджытӕ иууылдӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ ӕрцӕттӕ кодтой.
Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕни, сиахсаджы размӕ цырӕгътимӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн.
Ӕмбисӕхсӕв райхъуысти хъӕр: „Сиахсаг ӕрбацӕуы, йӕ размӕ рацӕут!“
Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“.
Кӕддӕриддӕр ут цӕттӕ — уӕ рӕттӕ ӕрбалвасут ӕмӕ уӕ рухсгӕнӕнтӕ ссудзут.
Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.
Райхъал у ӕмӕ дӕм сӕфты къахыл цы лӕууы, уый сфидар кӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый.