3 Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой.
Йӕ базайрӕгтӕ хорз уӕй цӕуынц, уый фӕуыны, ӕмӕ ’хсӕвыгон дӕр йӕ цырагъ нӕ ахуыссы.
Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.
Ӕмӕ уыцы хъахъхъӕнӕг бӕстӕмӕ ӕвзидӕг кард куы фена, уӕд сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, цӕмӕй адӕмы рагацау бахиза.
Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕни, сиахсаджы размӕ цырӕгътимӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн.
Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та — ӕнӕзӕндтӕ.
Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ сойы дурынтӕ дӕр рахастой.
Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,
Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.