2 Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та — ӕнӕзӕндтӕ.
Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.
Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.
Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн?
Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой.
Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ сойы дурынтӕ дӕр рахастой.
Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй нӕ дыууӕтӕ дӕр сойхъуагӕй ма баззайӕм, уый тыххӕй фӕлтау уӕйгӕнджытӕм ауайут ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн“.
Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.
Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.