Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 24:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 24:9
26 Iomraidhean Croise  

Рӕстгӕнджытӕн ӕнӕхуыцӕуттӕ ’лгъаг сты, ӕнӕхуыцӕуттӕн та — цӕсгомджын адӕм.


Адӕмы ’хсӕн куырыхон чи уа, уыдон бирӕты раст фӕндагмӕ здахдзысты, фӕлӕ цасдӕр рӕстӕг ӕфхӕрд ӕййафдзысты: кардӕй сӕ мардзысты, арты сӕ судздзысты, уацары сӕ кӕндзысты, сӕ мулк сын исдзысты.


Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, тынг сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ амардтой.


Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.


Хуыцауы уӕлзонд уымӕн загъта: „Пехуымпартӕ ӕмӕ фидиуджытӕ сӕм арвитдзынӕн, ӕмӕ дзы кӕй ӕфхӕргӕ кӕндзысты, кӕй — маргӕ“.


Фӕлӕ уӕ ӕппӕт уыдӕтты размӕ райдайдзысты ахсын ӕмӕ ӕфхӕрын, синагогӕты уын тӕрхон хӕсдзысты ӕмӕ уӕ ахӕстӕттӕм кӕндзысты. Мӕ номы тыххӕй-иу сымах паддзӕхты ӕмӕ бӕстыхицӕутты раз ӕрлӕууын кӕндзысты.


Ацы дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд-иу ӕй зонут — сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.


Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.


Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.


Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».


Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг».


Фӕлӕ, чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи хъизӕмар кӕны, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan