5 Уымӕн ӕмӕ Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».
Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой.
Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхи ма сайут ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл ма ут, цыма халдейӕгтӕ ардыгӕй ацӕудзысты. Нӕ уыдзӕн уый!
Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой.
Ӕз Мӕ Фыды номӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндут, фӕлӕ уӕм ӕндӕр исчи йӕхи номӕй куы ’рцӕуа, уӕд ууыл та баууӕнддзыстут.
Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут».
Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.
Сабитӕ, рӕстӕджы кӕрон ӕрхӕццӕ! Куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр Чырыстийӕн фӕзынди бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.
Сайӕгой чи у? Йесо, дам, Чырысти нӕу, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый. Ахӕм адӕймаг у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр.
Фӕлӕ афтӕ чидӕриддӕр зӕгъы, Йесо адӕймаджы буары не ’рцыд, зӕгъгӕ, уымӕ та Хуыцауы Уд нӕй — Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мон ӕм ис. Сымах фехъуыстат, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы мон ныридӕгӕн дунейы ис.
Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.