29 Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
Уӕд хур, мӕй ӕмӕ стъалыты рухс нал фендзынӕ, къӕвда нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ фӕстӕмӕ мигътӕй дӕхи ӕмбӕхсдзынӕ.
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.
Хур ӕмӕ мӕй рухс нал ратдзысты, стъалытӕ нал сӕрттивдзысты.
Дунедарӕджы тӕрхоны бон рухс нӕу, фӕлӕ талынг у, рухсы цъыртт дзы нӕй!
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ.
Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты.
Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.
Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.