25 Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой.
Уӕдӕ уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Чырысти ӕдзӕрӕг быдыры ис“, — ма-иу ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис“, — ма-иу уӕ бауырнӕд.
Уӕд уын уыдзӕни Мӕн тыххӕй дзурыны фадат.
Ӕз уын адӕттӕ уымӕн загътон, цӕмӕй ма фӕтасат.
Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.