Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 24:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 24:19
12 Iomraidhean Croise  

Саулы фырт Ионатанӕн уыдис иу къуылых фырт. Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар куы ӕрбайхъуысти Изреелӕй, уӕд ыл цыди фондз азы. Йӕ дыджызӕ йӕ фелвӕста ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Фыр тагъдӕй саби йӕ къухтӕй ӕрхауди ӕмӕ фӕкъуылых ис. Йӕ ном хуынди Мефивошет.


Тифсахы сахар Менахемӕн йӕ кулдуар кӕй нӕ байгом кодта, уый тыххӕй йын уый бакодта тынг ӕгъатыр ми. Тирцайы сахарӕй йӕм йе ’фсад ӕрбакодта ӕмӕ йын ныццагъта йӕ адӕмы, стӕй йӕ алфамбылайы цӕрджыты дӕр. Суанг сывӕрджын устытыл дӕр нӕ бацауӕрста, сӕ гуыбынтӕ сын акъӕртт кодта.


Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!


ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, ацы ныхӕстӕ никуы бакастыстут: „Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи“?»


Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.


Кувут, цӕмӕй уӕ лидзын зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа.


Уӕд додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ! Стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ацы зӕххыл. Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн ацы адӕмы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan