Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 24:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уӕлхӕдзар кӕй ӕрӕййафа, уый уырдыгӕй ма ӕрхизӕд йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 24:17
14 Iomraidhean Croise  

Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди,


«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.


Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ, ӕмӕ уын уӕ хъусы сусӕгӕй цы бадзырдӕуа, уый хъусын кӕнут уӕлхӕдзӕрттӕй.


уӕд, Иудейы чи уа, уыдон ӕвӕстиатӕй лидзӕнт хӕхтӕм.


Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр, цы бахӕрат ӕмӕ цы бануазат, ууыл, нӕдӕр дарӕсыл. Ау, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та — дарӕсӕй?


Уымӕ гӕсгӕ, талынджы цы загътат, уый айхъуысдзӕни бонрухсы; сусӕгӕй искӕй хъусы цы бадзырдтат, уый хъӕрӕй фехъусын кӕндзысты уӕлхӕдзӕрттӕй.


Фӕлӕ дзы адӕмӕй бацӕуӕн нӕ уыди, ӕмӕ уӕлхӕдзармӕ схызтысты, ӕмбӕрзӕндуртӕ фелвӕстой ӕмӕ рынчыны ӕд хуыссӕн царӕй уаты хӕд астӕумӕ, Йесойы размӕ, ӕруагътой.


Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куынӕуал хъуыд, уӕд Петр ӕмбисбонмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ.


Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай.


Къуыбырӕй ӕрцыдысты сахармӕ. Саулӕн уӕлхӕдзар бауат кодтой, ӕмӕ схуыссыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan