Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыди, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй Йын Кувӕндоны бӕстыхӕйттӕ фенын кӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 24:1
11 Iomraidhean Croise  

Йерусалим, дӕхи ӕрӕмбар, цӕмӕй дӕ Ме ’ргом ма аздахон ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр ма фестын кӕнон!»


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Федтай, цытӕ аразынц, уый? Уыныс, Израилы адӕм ацы ран цытӕ аразынц, уый? Ӕвирхъау ӕлгъаг митӕ кӕнынц, цӕмӕй Ӕз Мӕ Кувӕндон ныууадзон. Фӕлӕ кӕс дарддӕр, ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»


Дзурын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».


Уӕд Ын иудейӕгтӕ загътой: «Ацы Кувӕндон ӕхсӕз ӕмӕ дыууиссӕдз азы арӕзтой, Ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan