9 Зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын ис иунӕг Фыд — уӕларвы Чи ис, Уый.
Елисей мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын ис. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Израилы паддзах Йоаш бабӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ сӕрмӕ фӕкуыдта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды куы дӕ Израилӕн йӕ хӕстон уӕрдон дӕр ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг дӕр!»
Елисей йӕм, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ, ныхъхъӕр кодта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды дӕ Израилы уӕрдон ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг». Илийайы куынӕуал уыдта, уӕд йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ арӕдывта фӕйнӕрдӕм.
Уӕд Израилы паддзах Елисейы бафарста: «Уӕд та сӕ ныццӕгъдин, мӕ фыдыхай?»
— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.
Зондамонджытӕ дӕр уӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Зондамонӕг — Чырысти.
Ӕппӕт уыдӕттыл муртаттӕгтӕ тыхсынц; сымахӕн та уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц, уый.
Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы куры, уыдонӕн!
«Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ».
Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.
Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».
Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!
Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.