Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм арфӕтӕ кӕной ӕмӕ сӕм дзурой: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!“

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:7
19 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ куыд рахонӕн ис ацы фӕлтӕры? Уыдон сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ се ’мбӕлттӕн афтӕ чи дзуры:


Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын иу Ахуыргӕнӕг ис — Чырысти, уӕхӕдӕг та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.


Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».


Комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.


Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон».


Петрӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди зноны хабар ӕмӕ Йесомӕ дзуры: «Равви, акӕс-ма, Ды кӕй ралгъыстай, уыцы легъуи бӕлас бахус ис!»


Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын;


Ӕмӕ куыддӕр ӕрбахӕццӕ ис, афтӕ комкоммӕ бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.


Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Равви, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу — Дӕуӕн, иу — Моисейӕн, иу — Илийайӕн».


Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.


Йесо фӕстӕмӕ куы фӕзылд ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ фӕрсы: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон дӕр Ӕй бафарстой: «Равви (ома Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?»


Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»


Ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Равви, ӕрӕджы дӕр ма Дӕ иудейӕгтӕ дуртӕй амарынмӕ куы хъавыдысты, уӕд та фӕстӕмӕ уырдӕм цӕуыс?»


Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм разылди ӕмӕ Йӕм дзуттагау сдзырдта: «Раввуни!» (ома Ахуыргӕнӕг).


Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».


Уӕд бацыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы фаллаг фарс демӕ Чи уыдис ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы донӕй, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».


Уыцы рӕстӕг Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, исты скомдзаг кӕн».


Ӕмӕ Йӕ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уӕд Ӕй бафарстой: «Равви, кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?»


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Равви, куырмӕй цӕмӕн райгуырд? Йӕхӕдӕг у тӕригъӕдджын ӕви йӕ ныййарджытӕ?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan