Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:5
20 Iomraidhean Croise  

Загъта йын: «Цом мемӕ ӕмӕ, Дунедарӕгыл куыд ӕнувыд дӕн, уый дӕр фен!» Ӕмӕ Йонадав араст ис йемӕ.


Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —


Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, гӕбӕр куынӕ ахӕлиу уа, бур хъуынтӕ дӕр ыл куынӕ фӕзына ӕмӕ буары дӕр куынӕ ныххиза,


Уым уыди, дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй кӕмӕн не ’нцад, иу ахӕм сылгоймаг. Фӕстӕрдыгӕй Йӕм бацыд ӕмӕ Йын андзӕвыд Йӕ пӕлӕзы кӕроныл,


Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.


идӕдз устытӕн сӕ хӕдзӕрттӕ хӕрынц ӕмӕ уарзынц адӕмы цӕстмӕ кувын; уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты уыдон».


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕй сын зӕххон кад зынаргъдӕр уыди.


Ӕниу Мыл куыд хъуамӕ баууӕндат, кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут?


Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.


Уӕдӕ уын абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы арф бавӕрут, алкӕддӕр уӕнт уӕ хъуыдыйы. Уӕ къухыл сӕ фӕнысан кӕнут, уӕ ныхыл сӕ бабӕттут.


Дӕ уӕлӕфтауы цыппар тигъыл дӕр хаутӕ скӕн.


Уӕ къухыл сӕ бабӕттут нысанау, уӕ ныхыл сӕ ӕрбабӕттут.


Раст зӕгъын хъӕуы, иуӕй-иутӕ сӕ хӕлӕгӕй ӕмӕ сӕхи кады сӕраппонд дзурынц Чырыстийы тыххӕй, иннӕтӕ та — сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.


Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan