Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ бӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:4
10 Iomraidhean Croise  

Йӕ уӕрджытыл ӕрхауд Бел, афӕлдӕхти Нево. Хуыцаугӕндты хайуантыл сӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ аластой. Раздӕр уӕхӕдӕг кӕй хастат, уыдон ӕгӕр уӕззау разындысты фӕллад хайуантӕн.


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайӕ дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ та — рӕстдзинад, хӕрзаудӕн ӕмӕ уырнындзинад — ницӕмӕ дарут. Сымахӕн адӕттӕ кӕнын дӕр ӕмбӕлд ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр рохуаты ныууадзын нӕ хъуыд.


Уымӕ гӕсгӕ, цы уын дзурынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон, цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.


Йесо йын дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл уӕззау уӕргътӕ ӕвӕрут, уӕхӕдӕг та уӕ къух дӕр ницӕмӕ бакӕнут, цӕмӕй сын феххуыс кӕнат.


Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты ӕккой цӕмӕн ӕвӕрут?


Сыгъдӕг Удимӕ иумӕ мах аскъуыддзаг кодтам ӕмӕ уыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрӕм, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:


Уымӕн ӕмӕ, сунӕт чи кӕны, уыдон суанг сӕхӕдӕг дӕр не ’ххӕст кӕнынц Ӕгъдау, фӕлӕ архайынц, сымах сунӕт куыд скӕнат ӕмӕ уымӕй сӕхицӕй куыд раппӕлой, ууыл.


Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.


Сымахӕн та — Фиатирӕйы чи ис ӕмӕ уыцы ахуырадыл хӕст чи нӕу, сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ кӕй хонынц, уыдоны чи нӕ аныгъуылд — зӕгъын: ӕндӕр уаргъ уыл нӕ сӕвӕрдзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan