Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Дзурын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:39
15 Iomraidhean Croise  

Мӕ фӕндӕгтӕ Дын раргом кодтон ӕз, ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай; сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Скӕндзӕнис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй уӕд та иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут.


Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.


Йесо йын загъта: «Уый бӕрц рӕстӕг уемӕ дӕн, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды“?


Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».


Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут».


Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме ’рцыды бон Мын кӕй фендзӕнис, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ уыди амондджын».


Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan