Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уымӕ гӕсгӕ, цы уын дзурынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон, цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:3
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.


Афтӕ куы бакӕнай, ӕмӕ уый Хуыцауӕн фӕндон куы уа — дӕхӕдӕг дӕр фидар лӕудзынӕ, адӕм дӕр разыйӕ сӕхимӕ здӕхдзысты».


Фыд йӕ иннӕ фыртмӕ дӕр ахӕм курдиатимӕ бацыд. Уый йын загъта: „Фӕцӕуын, ме ’лдар“, фӕлӕ нӕ ацыди.


«Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.


Уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ бӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц.


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Алы адӕймаг дӕр уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ хицаудзинад кӕддӕриддӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд у, ӕмӕ, цы хицауӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр Хуыцауы ӕвӕрд сты.


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Ды хӕстӕг бацу ӕмӕ хъус, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый фӕстӕ нын радзурдзынӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цыдӕриддӕр зӕгъа, ӕппӕт уыдӕттӕ, мах та сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“.


Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.


Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan