Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут — уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:27
7 Iomraidhean Croise  

Ӕлыгӕй конд дурын ӕвзистӕй куы саив кӕнай, раст уый ӕнгӕс сты саузӕрдӕйы уарзӕгой ныхӕстӕ.


Искӕй къухӕй чи фӕмард, ууыл кӕнӕ йӕхи низӕй амӕлӕгыл, адӕймаджы стӕгдар кӕнӕ ингӕныл хӕдзарӕн ӕдде чи андзӕва, уый чъизи уыдзӕн авд боны.


Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.


Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нӕ дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл рацу-бацу кӕнынц, уыцы рох ингӕнты хуызӕн».


Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ӕрцӕвдзӕн, чъырӕйцагъд сис! Цӕмӕй мын Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай, уый тыххӕй ам бадыс, афтӕмӕй радтай мӕ нӕмыны бардзырд ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау!»


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл ӕрмӕст уый тыххӕй ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan