24 Куырм фӕтӕгтӕ! Сымах къогъойы фӕрсудзгӕ кӕнут, теуайы та аныхъуырут!
Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у».
Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ, Кувӕндоны сыгъзӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“.
Куыд хъуамӕ зӕгъай де ’фсымӕрӕн: «Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон», кӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас ис, уӕд?
Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.
Фӕлӕ уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Уый — нӕ! Вараввӕйы рауадз!» Уыцы Вараввӕ та абырӕг уыди.
Фӕлӕ зӕхх баххуыс кодта сылгоймагӕн — байтыгъта йӕ ком ӕмӕ аныхъуырдта, залиаг калм йӕ дзыхӕй цы цӕугӕдон рауагъта, уый.