21 Кувӕндонӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны Кувӕндонӕй дӕр ӕмӕ дзы Чи цӕры, Уымӕй дӕр.
Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?
Ныр Дын Ӕз сарӕзтон бӕрзонд хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыди Кувӕндонмӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕй дзаг уыди.
Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст: «Ме ссарынмӕ тырнут!» Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ, о Дунедарӕг!
Уӕдӕ нывондхӕссӕнӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны нывондхӕссӕнӕй дӕр ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы ис, уымӕй дӕр.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат.
Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.