2 «Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.
Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут.
рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.
Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.
Уымӕ гӕсгӕ, цы уын дзурынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон, цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.
Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын;
«Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын;
Уарзон Ын сты Йӕ адӕм. Йӕ къухы — ӕппӕт сыгъдӕджытӕ. Ӕрзоныг кодтой Дӕ разы, Дӕ алы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц.