Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ноджы фӕзӕгъут: „Исчи нывондхӕссӕнӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ нывондхӕссӕныл цы нывонд ис, уымӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:18
7 Iomraidhean Croise  

Исчи искӕй азымджын куы кӕна, мӕ ныхмӕ тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ард бахӕрын куы дома, ӕмӕ уый Дӕ Кувӕндоны нывондхӕссӕны раз ард куы бахӕра,


Моисей израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:


Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ, Кувӕндоны сыгъзӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“.


Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Сыгъзӕрин ахсджиагдӕр у ӕви, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Кувӕндон?


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


Сымах та дзурут, зӕгъгӕ, йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа: „Мӕнӕй дӕм цы хауы, уый корбан (ома Хуыцауы номыл мысайнаг) у“,


Сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджы иу хатт зӕгъын: Ӕгъдау уын ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕстгӕнинаг у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan