Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ, Кувӕндоны сыгъзӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:16
14 Iomraidhean Croise  

Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Сыгъзӕрин ахсджиагдӕр у ӕви, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Кувӕндон?


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


Куырм фӕтӕгтӕ! Сымах къогъойы фӕрсудзгӕ кӕнут, теуайы та аныхъуырут!


Куырм фарисей! Раздӕр уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ мидӕгӕй ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг уыдзысты.


Сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджы иу хатт зӕгъын: Ӕгъдау уын ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕстгӕнинаг у.


Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan