Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 23:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 [Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах сафтид кӕнут идӕдз устыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ адӕмы цӕстмӕ кувынӕй не ’фсӕдут. Уый тыххӕй карз ӕфхӕрд баййафдзыстут.]

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 23:14
14 Iomraidhean Croise  

Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.


Мӕгуыр лӕджы искуы афтидармӕй мӕ дуарӕй аздӕхтон, сидзӕргӕсы искуы ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ ныууагътон?


Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.


Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Содомы зӕххӕн дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕни».


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Тӕрхон ӕмӕ зындонӕй куыд фервӕзынмӕ хъавут?


уыдон хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Ахӕмтӕ карз ӕфхӕрд баййафдзысты».


Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.


идӕдз устытӕн сӕ хӕдзӕрттӕ хӕрынц ӕмӕ уарзынц адӕмы цӕстмӕ кувын; уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты уыдон».


Уыдоны хуызӕттӕ баирвӕзынц хӕдзӕрттӕм ӕмӕ сӕ уацары бакӕнынц, йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн сбирӕ сты, йӕ монцты дӕлбар чи у, абон йӕ зӕрдӕ иу кӕмӕн домы, райсом — иннӕ, уыцы ӕнӕсӕрфат сылгоймӕгты,


Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй.


Ме ’фсымӕртӕ, иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ суӕвынмӕ ма тырнут. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.


Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan