Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 22:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕлӕ йын хуынд адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та — сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 22:5
21 Iomraidhean Croise  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Йаков радта Исавӕн дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад ницӕмӕ ’рдардта.


Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.


Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы.


Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“.


Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, тынг сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ амардтой.


Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут».


Уыдис, худгӕ сыл чи кодта, ахӕмтӕ дӕр: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».


Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».


Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?


Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та — цард ӕмӕ фарн.


гадзрахатӕйцӕуӕг, ӕнӕсӕрфат, схъӕл адӕм, ирхӕфсӕнтӕ сын Хуыцауӕй зынаргъдӕр уыдзысты.


уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan