Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 22:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 22:4
18 Iomraidhean Croise  

Дӕ коммӕ нӕ бакастысты, цы диссӕгтӕ сын сарӕзтай, уыдон сӕ ферох сты. Хивастӕй сӕхицӕн равзӕрстой фӕтӕджы, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхой Мысырмӕ ӕмӕ цагъартӕ суой. Фӕлӕ Ды дӕ барон, фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕрзаудӕнгӕнаг Хуыцау — Ды сыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.


Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».


Уарзондзинад кӕм цӕры, уым сихорыл халсартӕ бахӕрын хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау — хӕрзхаст гал, ӕнӕуынондзинад кӕм цӕры, уым.


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


Арвыста сӕм ӕндӕр цагъарты — фыццӕгтӕй ноджы фылдӕр, ӕмӕ та уыдонӕн дӕр афтӕ бакодтой.


Фӕлӕ йын хуынд адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та — сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ.


Уый фӕстӕ йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынг цӕттӕ у, фӕлӕ, кӕй фӕхуыдтон, уыдон йӕ аккаг нӕ разындысты.


Фынг куы сцӕттӕ ис, уӕд хуынд адӕммӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы арвыста, цӕмӕй сын зӕгъа: „Табуафси, саккаг кӕнут, алцыдӕр цӕттӕ у“.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.


Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ не ’ппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan