39 Дыккаг дӕр уый хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“.
Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.
„Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ ӕмӕ „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“».
Уый у фыццаг ӕмӕ сӕйраг фӕдзӕхст.
Дыккаг ахсджиаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхстытӕ нӕй».
Кӕрӕдзийы уарзынӕй дарддӕр макӕмӕй мацы хӕс дарут. Уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.
Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».
Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.
Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Дӕхи куыд уарзыс, хионы дӕр афтӕ уарз». Ӕмӕ кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.