30 Уымӕн ӕмӕ мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн.
Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар.
Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:
Доныхъаймӕты размӕ, суанг цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызти, уӕдмӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ моймӕ цыдысты.
Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.
Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».