Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 22:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 22:24
14 Iomraidhean Croise  

Уӕд Иудӕ йӕ чындз Тамарӕн бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ мӕ фырт Шела байрӕза, уӕдмӕ уал идӕдзӕй ацӕр дӕ цӕгаты». Йӕхинымӕр та загъта: «Кӕннод мын йе ’фсымӕртау ай дӕр куы амӕла». Уыйадыл Тамар йӕ цӕгатмӕ аздӕхтис.


Уӕд Иудӕ Онанӕн загъта: «Баив де ’фсымӕры — йӕ идӕдзимӕ йын бацӕр ӕмӕ цот скӕн де ’фсымӕрӕн».


Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.


Махмӕ уыдис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ӕрхаста, ӕнӕзӕнӕгӕй амард ӕмӕ йӕ ус баззади йе ’фсымӕрӕн.


«Ахуыргӕнӕг, Моисейы Ӕгъдауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у?»


Мӕнмӕ «Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонӕй алчи Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕни, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый.


«Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр куы амӕла ӕмӕ йын зӕнӕг куынӕ баззайа, уӕд ын уый хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.


«Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.


Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕцыйы ус уыдзӕни? Авды бинойнаг дӕр куы уыд».


Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд Мӕм „Хицау, Хицау!“ цӕмӕн дзурут?


Наоми та сын загъта: «Аздӕхут, мӕ къонатӕ; цӕмӕн хъуамӕ ацӕуат мемӕ? Исты ма, мыййаг, сымахӕн мой чи суаид, ахӕм хъӕбултӕ ис мӕ гуыбыны?


Ныр уал бахсӕвиуат кӕн. Йӕ хӕс куыд у, афтӕ дӕ йе ’вджид бакӕныныл кӕд сразы уа уыцы къабаз райсом, уӕд хорз; кӕд ӕй нӕ бафӕнда, уӕд та дӕ, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕхи ӕвджид бакӕндзынӕн! Амӕй ӕрбабонмӕ уал хуысс».


Боаз дарддӕр дзырдта: «Наомийӕ зӕхх куы балхӕнай, уӕд моаваг Руф дӕр дӕуӕн кургӕ у, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, афтӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan