19 Равдисут-ма Мын, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар.
Уый сын загъта: «Ратдзӕн». Ӕмӕ Петр хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд ӕм Йесо фӕраздӕр ис ӕмӕ йын дзуры: «Куыд дӕм кӕсы, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕхи адӕмӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?»
Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.
Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕндонмӕ.
Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?
Уӕд сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?»
Ӕрбахастой Йӕм динар, ӕмӕ сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры».
Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуысти адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус — динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, оливӕйы сой ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн».