Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 22:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 22:18
15 Iomraidhean Croise  

Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,


Уӕд ӕм фарисейтӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны тыххӕй бафарстой: «Цыфӕнды азымы тыххӕй дӕр лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»


Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы, кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»


Равдисут-ма Мын, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар.


Ӕндӕры дӕр сӕм арвыста, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Ноджы ма сӕм бирӕты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ кодтой, кӕй — маргӕ.


Йесо сын уайтагъд Йӕ Удӕй базыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?


Уӕд иу динамонӕг сыстад ӕмӕ Йесойы бафӕлварыны тыххӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»


Йесо сын бамбӕрста сӕ хинвӕнд ӕмӕ загъта:


Йесо сын бамбӕрста сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн уӕм афтӕ кӕсы?


Йесо сын зыдта сӕ мидхъуыдытӕ ӕмӕ фӕдзырдта иу сабимӕ. Йӕ фарсмӕ йӕ ӕрлӕууын кодта


ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.


Афтӕ Йӕ барӕй фарстой, цӕмӕй исты зӕгъа ӕмӕ Йӕ фӕзылынджын кӕной. Фӕлӕ Йесо ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста.


Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan