9 Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»
Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы уӕлӕрвтӕй, стаут Дунедарӕджы бӕрзӕндты.
Йесо Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд ӕгас сахар дӕр базмӕлыд, иууылдӕр кӕрӕдзийы фарстой: «Уый чи у?»
Сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы диссӕгтӕ куы федтой, стӕй, сывӕллӕттӕ Кувӕндоны «Осаннӕ Давиды Фыртӕн!», зӕгъгӕ куыд хъӕр кӕнынц, уый, уӕд тынг смӕсты сты,
Дзурын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».
Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»
Ныр уын ӕнӕхицауӕй уагъдӕуы уӕ хӕдзар. Ӕмӕ уын дзурын: цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».
«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»